По осетинскому языку фаззаг ирыстоны

Сочинение

урок осетинского языка по теме Осень

план-конспект урока на тему

урок осетинского языка в начальной школе 4 класс по теме Фаззаг- Осень

Скачать:

Предварительный просмотр:

Урочы ныхасы темæ: Фæззæг. Грамматикон темæ: Номдар.

Урочы тип: Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын æмæ бафидар кæнын.

Уæ бон хорз, ахуырдзаутæ!

Æгас цу ахуыргæнæг!

Салам раттæм нæ уазджытæн.

Речевая зарядка. Дзургæ ныхасыл куыст.

Абон æз радгæс дæн. Мæ ном….Мæ мыггаг….Абон дыццæг у. Ныртæккæ нæм ирон æвзаджы урок ис. Абон къласы не сты ………….. Нæ къорд цæттæ у урочы кусынмæ.

Цавæр зæрдæйы уагимæ æрбацыдыстут абон урокмæ, уый базонын мæ фæнды. Уæ разы цы сыфтæ ис, уыдоныл сныв кæнут ацы нывтæй уæ зæрдæмæ кæцы цæуы фылдæр.

Абон нын нæ урочы æххуыс кæндзæн гыццыл Нывгæнæг.

Ах.-Райста лæппу ахорæнтæ æмæ райдыдта ныв кæнын. Сныв кодта бæлæстæ, бæлæсты æрæппæрста сыфтæртæ. Йæ зæрдæмæ тынг цæуынц сырх, бур, кæрдæгхуыз ахорæнты хуызтæ. Йæ куыст куы фæци, уæд ын рауадис мæнæ ахæм ныв.

Æрбакæсут-ма йæм цы дзы рауадис? Фæззæг, хъæд, фæззыгон хъæд

Гыццыл нывгæнæг сныв кодта ФÆЗЗÆГ. Уæдæ абон нæ урочы дзурдзыстæм фæззæгыл. Нæ зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм цы æрмæг рацыдыстæм, уый. Цы базыдтам фæззæджы тыххæй, цавæр ног дзырдтимæ базонгæ стæм.

Райдайæм мыртæ раст æмæ сыгъдæгдзурыныл куыстæй.

Цавæр афæзы афон уынут нывы?

Ныртæккæ та цавæр афæдзы афон у?

Боныхъæд та цавæр у абон?

Цæмæй базонæм фæззæг ралæууыд, уый?

Иннæ афæдзы афонтæй цæмæй хицæн кæны?

(Сывæллæтты дзуæппытæ) бæлæсты сыфтæр фæбур вæййы, сыфтæ згъæлынц зæхмæ, бон фæцыбырдæр вæййы, фæуазалдæр вæййы, мæргътæ атæхынц хъарм бæстæм…….

Цæмæй нæ куыст æнцондæр æмæ хъæлдзæгдæр цæуа, уый тыххæй иугыццыл аулæфæм æмæ нæ зæрдæтæ бахъæлдзæг кæнæм зарæгæй.

Зарæг «Фæззæг». Ацы зарæджы ныхас цæуыл цæуы? Фæззæгыл.

Æрлæууын ма кæнæм нæ зæрдыл фæззæджы мæйтæ.

23 стр., 11043 слов

Современный урок литературы: классификации, концепции

... дальнейшая разработка проблемы. Таким образом, дипломная работа будет посвящена одной из важнейших проблем методики преподавания литературы - определению места урока литературы в системе современного литературного образования. ... плана урока; определение главных путей, по которым следует идти к цели. Бунаков указывает на необходимость планирования. "Урок целесообразно начинать с повторения ...

Слайд № 6 Иухатт ма сæ зæгъæм иумæ

Сентябрь рухæны мæй

Ноябрь Джеоргуыбайы мæй

Цал сты фæззæджы мæйтæ?

Ныртæккæ цавæр мæй у? Джеоргуыбайы мæй.

Цæмæн схуыдтой ацы мæй Джеоргуыбайы мæй?

Адæм бафснайынц сæ фæллой сæ куыстытæ конд фесты æмæ сæ равдæлы куывдтæ æмæ чындзæхсæвтæм.

Рацыд лексикæ зæрдыл æрлæууын кæнын.

Хæдзармæ куыст бафæрсын. 1 къордæн лæвæрд уыдис ахæм хæс: Ссарын цыбыр хъусынгæнинæгтæ фæззæджы тыххæй, куыд аивы æрдз, куыд цæттæ кæнынц сæхи хъæды цæрæгойтæ фæззæджы зымæджы æрцыдмæ.

Сывæллæттæ кæсынц сæ цыбыр радзырдтæ.

Куыд уæм кæсы цæуыл цæудзæн ныхас тексты?

Иухатт хъӕды сывӕллӕттӕ ссардтой ӕхсӕрӕджы фӕззыгон ӕвӕрӕнтӕ. Амбырд сӕ кодтой ӕмӕ сӕ семӕ рахастой. Уалынмӕ бӕласы цъуппыл фӕзынди ӕхсӕрӕг. Бӕласӕй дуры сӕрмӕ ӕргӕпп кодта, стӕй та фӕстӕмӕ бӕласмӕ. Афтӕ цалдӕр хатты. Стӕй уӕд мардӕй сӕ цурмӕ ӕрхауди. Йӕ ӕвӕрӕнтӕ йын ахастой, уый куы бамбӕрста, уӕд йӕ гыццыл зӕрдӕ атыдта.

Цавæр цæрæгойыл цыди ныхас тексты? Уæ хъуыдытæ раст разындысты…..

Æхсæрæг йæхи зымæгмæ куыд цæттæ кæны?

Цы базыдтам ногæй ацы текстæй? Æхсæрæгыл цы æрцыди?

Æрдзы мидæг алцыдæр у бæлвырд фæткæвæрдмæ гæсгæ арæзт, æмæ уыцы фæткæн халæн нæй. Куыд уæм кæсы сывæллæттæ барæй рахастой æхсæрæджы æвæрæнтæ? Нæææ…..нæ йæ зыдтой….. Цæмæй ахæм æнæрхъуыды хабæрттæ ма кæна адæймаг, уый тыххæй цы хъæуы? Ахуыр кæнын….

Æмæ уæм æрдззоныны уроктæ куы вæййы, уæд лæмбынæгдæр ахуыр кæнын цæрæгойты царды тыххæй æрмæг

Æрхъуыды ма йын кæнæм сæргонд.

Ссарут тексты ахæм дзырдтæ, кæцытæ дзуапп дæттынц фæрстытæн Чи? Цы?

Цавæр ныхасы хæйттæ сты?

Æрлæууын ма кæнæм нæ зæрдыл цы базыдтам номдары тыххæй.

Номдар дзуапп дæтты фæрстытæн

Номдарæн ис дыууæ нымæцы

Номдар тасындзæг кæны хауæнтæм гæсгæ

Ссарут тексты номдартæ бирæон нымæцы – сывæллæттæ, æвæрæнтæ

Ссарут –ма тексты номдартæ номон иууон æмæ бирæон нымæцы – зæрдæ сывæллæттæ, æвæрæнтæ

Ссарут тексты номдар æддагбынатон хауæны – цъуппыл

Ссарут тексты номдар иртæстон хауæны – бæласæй

Ссарут тексты номдартæ арæзтон хауæны – бæласмæ

Цавæр афæдзы афоныл дзырдтам абон нæ урочы?

Фæззæджы фæстæ та цавæр афæдзы афон ралæудзæн?

Уæдæ иннæ урочы та дзурдзыстæм афæдзы афон ЗЫМÆГЫЛ, зонгæ кæндзыстæм ног дзырдтимæ æмæ ног цымыдисаг хабæрттимæ.

Хæрзбон зæгъæм фæззæгæн. Иннæ аз та нæ дзæбæхæй æрæййафæд æмæ та нын нæ фынгтæ йæ бæркадæй срæсугъд кæнæд.

Абон нæ урок фæци. Æмæ уæ куыстæн уæхæдæг аргъ скæнут. Уæ сыфтыл сныв кæнут. Цавæр зæрдæйы уагимæ цæут урокæй.

Æрцауындзут сæ фæйнæгыл.

По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Обучение лексике – один из важнейших аспектов обучения иностранному языку, т.к. полноценная коммуникация не может происходить при отсутствии лексики. Я пытаюсь най.

Конспект урока немецкого языка в 3 классе.

Целью этого урока является повторение темы «Лексика»; обогащзение словарного запаса учащихся; работа над развитием речи; воспитание любви к родному языку.

Сочинение по осетинскому языку «Язык- наше богатство»

Нывӕцӕн « Нӕ хӕзна – не взаг».

1 стр., 497 слов

Ирон адамы истори ама цыртдзаванта

... кæй аразæм, уый. Райсом махæй кæйдæрты тыххæй чингуыты кæсдзысты ног фæлтæртæ, æмæ ... æ æмæ аргъуантæ. Се ῾хсар куыд фидар уыд, афтæ тыхджын уыд сæ зонд, сæ курдиат дæр. Ирон мæсгуытæ сæ кондæй дисы ... уыцы чингуытæ кадджытæ уыдзысты æви хуымæтæг статистикæ, уый. Ирон адæмæн ис рагон истории. Нæ фыдæлтæн – ... дихи фæкодта айнæг къæдзæх. Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй Æхсинтæ Дыгургоммæ кулдуары хуызæн сты. ...

Мах алантӕ стӕм сӕрмӕттӕ

Скифтӕн тугхӕстӕг ӕрвад.

Махмӕ рхӕццӕ сты сӕ нӕттӕ,

Махӕн баззади сӕ кад.

Ӕз ахуыр кӕнын ӕвдӕм къласы скъола- интернаты. Мӕ ном хуыйны Губаты Аслан.Тынг ӕхсызгон мын уыд, куы базыдтон ирон ӕвзаг ахуыр кӕндзынӕн уый. Ӕз ирон дӕн, фӕлӕ нӕхимӕ иронау нӕ дзурӕм, мӕ мад у уырыссаг, мӕ фыд раджы амарди. Ис мын фыды хотӕ, дада, уыдон мӕм дзурынц иронау, фӕлӕ арӕх нӕ уынӕм кӕрӕдзийы.

Интернатмӕ куы бацыдтӕн уӕд райдыдтон ахуыр кӕнын ирон ӕвзаг. Нӕ ахуыргӕнӕджы радзырдтӕ- «Нӕ райгуырӕн бӕстӕ», «Нӕ бинонтӕ» ахӕм тынг фӕцыдысты мӕ зӕрдӕмӕ, ӕмӕ райдыдтон зӕрдиагӕй ахуыр кӕнын ирон ӕвзаг. Ноджы ма нӕ скъолайы стыр бӕрӕгбон куы вӕййы, уӕд скъоладзаутӕ иууылдӕр фӕзарынц Уӕрӕсейы гимн, стӕй Ирыстоны гимн. Ӕз уымӕй дӕн тынг сӕрыстыр, ӕхсызгон дӕр мын вӕййы. Мӕхӕдӕг дӕр ӕй зонын иронау ӕмӕ йӕ тӕлмац уырыссагау.

Ӕрӕджы ирон ӕвзаджы урочы кастыстӕм таурӕгъ «Задалесчы Нана». Тынг мӕ ахъардта уыцы таурӕгъ. Цыппӕрдӕсӕм ӕнусы Тимуры ӕнӕкӕрон ӕфсад куы ныддӕрӕн кодта алайнӕгты, уӕд разынди нӕ амондӕн иу хъайтар сылгоймаг, кӕцы сымбырд кодта йӕ къухы цы сывӕллӕттӕ бафтыд уыдон, ӕмӕ сӕ хӕхты арф акодта. Хъахъхъӕдта сӕ ӕхсӕвӕй- бонӕй сырдӕй, знагӕй. Уый фӕрцы аланты фӕд нӕ фесӕфт, нӕ бауагъта сӕфын не взаг, нӕ культурӕ, нӕ фольклор.

Мӕ зӕрдӕйы мын арф фӕд ныуагъта уыцы бон, ирон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕджы сфӕлдыстад Хетӕгкаты Къостайы, куы базыдтон уӕд.

Уӕдӕ цы диссаджы ӕмдзӕвгӕтӕ ныффыста. Куыд бирӕ йӕ уарзтой адӕм, куыд сын снывонд кодта йӕхи. Чи бакӕсдзӕн «Додой», «Мӕгуыры зарӕг», «Мӕгуыры зӕрдӕ», поэмӕ «Фатимӕ», ӕмӕ кӕй зӕрдӕйыл нӕ амбӕлдзысы.

Ӕз арӕх фӕкӕсын ӕмдзӕвгӕтӕ алы хуызон конкурсты, ис мӕм кады гӕххӕттӕ, лӕвӕрттӕ.

Ирон ӕвзаджы тыххӕй фысгӕйӕ нӕй ахизӕн Абайты Уасойы сӕрты дӕр. Уый диссаджы фыстытӕ, дзырдуӕттӕ, иртасӕн куыстытӕ, рох никуы уыдзысты адӕмӕй. Йӕ ӕнӕкӕрон пайдайӕн аргъ нӕй.

Джыккайты Шамиль афтӕ фыста Уасойы тыххӕй:

Ныййырд йӕ цӕсгом, Уарзт ӕмӕ хъуыдытӕй

Уый махӕн судзы знӕт тары цырагъ.

Кӕсы сыгъдӕг Уд цӕстыты ӕрфыгӕй….

Ӕз афтӕ хъуыды кӕнын: ӕвзагыл куы ничи дзура, фысгӕ йыл куы ничи кӕна, уӕд уыцы ӕвзаг у мард. Уый тыххӕй мӕн фӕнды цӕмӕй ирон ӕвзагыл дзургӕ дӕр кӕнӕм ӕмӕ фысгӕ дӕр.

Ӕз сидын ме мгӕрттӕм: цӕмӕй дзурой иронау ӕмӕ не взаг ма фесӕфа. Мах куы фесафӕм не взаг, уӕд уыдзыстӕм удӕй мӕгуыр. Ӕмӕ афтӕ куыд ис цӕрӕн ӕнӕ хӕзнайӕ- ӕнӕ ӕвзагӕй?

Ӕз ныллӕг кувын Къостайы рухс номӕн, Задалесчы Нанайӕн, Абайты Уасойӕн. Ӕз архайдзынӕн цӕмӕй нӕ фӕлтӕр адарддӕр кӕной, нӕ фыдӕлтӕ нын цы ныуагътой уыцы хъӕздыгдзинад, ӕмӕ йӕ цӕсты гагуйау хъахъхъӕндзыстӕм.

Афтӕ зӕгъынц : ирон ӕвзаг нал уыдзӕн, ирон адӕймаг куы нал уа зӕххыл уӕд. Мӕ зӕрдӕ дарын: ирон адӕм, ирон ӕвзаг никуы фесӕфдзысты а дунейӕ!

Конспект сценария мероприятия на тему «Къостайы фаззаг»

  • Углубить знания детей о великом осетинском поэте, основоположнике осетинского языка и литературы Коста Левановиче Хетагурове;
  • развитие потребности в самостоятельном чтении художественных произведений;
  • воспитание высоких нравственных качеств личности, воспитать в детях чувство патриотизма, любовь к Родине, любовь к родному языку, литературе.

Мероприятие начинается с танца «Осетинский вальс». Танец сопровождается показом слайдов о Наре, под исполнение живой музыки (гармошки).

5 стр., 2076 слов

На осетинском языке фаеззаег

... Коста Хетагуров основоположник осетинской литературы. Поэт, просветитель, гуманист, художник, патриот своей Родины. Сын Осетинского Народа. Куыд загътам, Къоста у ирон ... языка в 3 классе. Целью этого урока является повторение темы ... афон райгуырд, ирон адамы гений, Хетагкаты Къоста Леуаны фырт. Къоста тынг бира уарзта ... Здесь явился на свет славный Сын Осетинского Народа Коста Хетагуров. К.Л.Хетагуров ...

Ученик 1 класса читает стихотворение Чеджемова Георгия «Къоста».

Вы скажете, почему именно «Къостайы фаззаг»? А потому, что осень любимое время года Коста. Когда лето коснулось осени и октябрь стоит во всей красе. Жёлтым, оранжевым, зелёным цветом светятся склоны гор. Красив и печален осенний аул.

К.Л.Хетагуров родился в 1959 году 15 октября в ауле Нар в семье офицера русской службы Левана Елизбаровича Хетагурова.

Месяца через два скоропостижно скончалась мать будущего поэта, Мария Гавриловна Губаева .

Ахам расугъд афадзы афон райгуырд, ирон адамы гений, Хетагкаты Къоста Леуаны фырт. Къоста тынг бира уарзта йа Райгуыран баста. Ирыстон каддариддар Къостаима баст у, Къоста та Ирыстонима. Мыггагма цардзани йа рухс ном.

Как вы знаете Коста Хетагуров основоположник осетинской литературы. Поэт, просветитель, гуманист, художник, патриот своей Родины. Сын Осетинского Народа.

Куыд загътам, Къоста у ирон адамы гений. Ахам цымыдисаг фыссаг у, ама йа царды цаута равдыста амдзавга «Чи да».

Амдзавга «Чи да?». Бацатта кодта 4кълас. Дети ( в национальной форме) читают произведение Коста «Чи да?». Чтение стихотворения сопровождается показом слайдов на фоне музыки.

Не спрашивай, кто я,—

Хоть в шелк разодень.

Где друг твой впервые

Да, мать родила там

Неласков был с ней,

В свой дом приняла,

То с пеньем, то с пляской

И мне не припомнить

За туром бесстрашно

И в пропасти горной

Такой же беспечный,

Кто мать свою смеет

Я понял, что в мире

Что плакать? По нраву

Уж взрослым я стал.

На что ж я был годен!

Пришлось за харчи лишь

Скитался по саклям,

Такие разные произведения по жанру. Коста Хетагуров первый детский писатель. Он написал много детских произведений.

Инсценировка произведения «Бирагъ ама хърихупп».

Подготовил 1 класс. Стихотворения » Ара фыййау» » Кай фырт да», » Гино Гино Гис», читает подготовительная группа.

Къоста бира амдзавгата ныффыста. Йа алы фыстагы авдыста йа уарзон адамы зын цард. Куыд хорз цын зыдта са анкъаранта,са цинта, са баллицта.

Зараг «Сидзаргас». Зары Булацаты Арина.

Хъаздыг, расугъд, сыгъдаг уалдаф. Рог дымга тоны фастаг сыфтарта баластай. Барзонд са сисы, арзилдух са каны комы ама са сабыргай аруадзы захма. Фаззаг.

Амдзавга «Фаззаг». Бацатта кодта 1кълас.

Фаззаг у хъаздыг ама баркаджын. Фаззаджы фастаг май у Джеоргуыбайы май. Адам са фаллойы баркад куы сисынц быдыртай, уад сканынц стыр кадджын барагбон Джеоргуыба.

Цас дзаджджын, цымыдисаг, харзад харинагта буц канынц на мрон фынг. Абоны барагбонма са зардиагай баццата кодтой на чысыл хурты ныййарджыта. Табуафси.

Звучит песня А. Хадиковой » Арцагъд ма фандыр» Родители учащихся выносят: Три пирога, физонаг, рог с осетинским пивом и национальные блюда. Ученик 1 класса (в национальной форме) возносит молитву. Родители рассказывают историю нескольких блюд: дзыкка, дзарна, и осетинского пива.

Цавар ирон барагбон ана уаздан, фыдалты кафтай. Хонга.

Дети танцуют «Хонга».

Завершить наш сегодняшний вечер, посвященный Коста Хетагурову, хотелось бы словами нашего знаменитого земляка Васо Абаева: «Англичане говорят: у нас есть Шекспир, немцы говорят: у нас есть Гете, русские говорят: у нас есть Пушкин, а мы, осетины, говорим: у нас есть Коста. Махæн та ис Къоста».

7 стр., 3479 слов

Мать единственное на земле божество не знающее атеистов

... на войне… Думаю, что это правильно. Нужно знать историю своей семьи, страны. И Пушкин ведь не призывает сразу гордиться, он говорит ... радость и счастье. В. Гюго Нет на земле гимна торжественнее, чем лепет детских ... запомню это выражение Александра Пушкина. Другие сочинения: ← Что значит словосочетание «недостижимый идеал»? ... его не станет. И. Гёте Восславим женщину — Мать, чья любовь не знает преград, ...