Ирон адамы истори ама цыртдзаванта

Сочинение

«Сочинение Ирон адамы истори ама цыртдзаванта»

Ирон адæмы истории æмæ цыртдзæвæнтæ

Фыдæлты мæсгуытæ

(Скъуыддзаг

Фыдæлты мæсгуытæ

Нæ хæхбæсты джихæй лæууынц,

Фыдæлты мæсгуытæ

Уæларвмæ дзыназынц, кæуынц.

Кæддæр та сæ сæрты

Нæ уæндыдис цъиу дæр тæхын,

Кæддæр та сæхицæй

Тыхджындæр нæ уыдис зæххыл.

Æнусæй-æнусмæ

Сæ мидæг туг калд æмæ калд.

Æнусæй-æнусмæ

Æппæт кæмттыл хъуысыд сæ кад.

Цæрукъаты Алыксандр

Мах цæрæм XXI æнусы. Нырыккон дуне афтæ тагъд ивы, æмæ йæ хатгай адæймагæн йæ бон аййафын нæ вæййы. Фæлæ нын рохгæнæн нæй, чи уыдысты нæ рагфыдæлтæ, цы хорздзинæдтæ ныууагътой сæ байзæддæгтæн, уый. Уыимæ хъуамæ æмбарæм, мах абоны истори кæй аразæм, уый. Райсом махæй кæйдæрты тыххæй чингуыты кæсдзысты ног фæлтæртæ, æмæ махæй кæнгæ у, уыцы чингуытæ кадджытæ уыдзысты æви хуымæтæг статистикæ, уый.

Ирон адæмæн ис рагон истории. Нæ фыдæлтæн – скифтæн æмæ алантæн – сæ ном арвнæрæгау хъуыст Азийы æмæ Европæйы быдырты. Сæ хæстон балцытæй æмризæджы рызтысты паддзахтæ æмæ императортæ, уымæ гæсгæ семæ кодтой цæдис æмæ хæстæгдзинад, агуырдтой сæ æххуыс æмæ харзæх.

Æмæ канд хæстон сгуыхтытæй нæ уыдысты номдзыд нæ фыдæлтæ, уымæн æмæ уыдон æнтысджынæй кодтой фос æмæ зæххы куыст. Арæзтой куырдадзтæ æмæ гæнæхтæ, сахартæ æмæ аргъуантæ. Се ῾хсар куыд фидар уыд, афтæ тыхджын уыд сæ зонд, сæ курдиат дæр.

Ирон мæсгуытæ сæ кондæй дисы æфтауынц дунейы дзыллæты. Нæ рагфыдæлтæ дæсны уыдысты егъау мæсгуытæ, фидæрттæ æмæ цæрæн хæдзæрттæ аразынмæ. Уыдон архайдтой æрдзы æмæ хæстон царды фадæттæм гæсгæ. Хохаг хæдзæрттæ уыдысты тъæпæнсæр, кæрæдзиуыл ныхæст, æмæ-иу хъæу уыдис хæстон фидары хуызæн. Нæ рагфыдæлты мæсгуытæ уыдысты цыппæрдигъон, сæ цъуппытæ та арæхдæр – тъæпæн, цæмæй сæ дымгæ ма фехæлдтаид. Сæ дуæрттæ уыдысты бæрзонд, æмæ сæм æнæ асинæй схизæн нæ уыдис. Мæсгуыты бын уыдис рацæуæнтæ адæмæн, фосæн. Хæхбæсты ма арæзтой кувæндæттæ æмæ зæппæдзтæ дæр. Хохаг архитектурæйы бирæ цыртдзæвæнтæ,

махмæ æрхæццæ сты незамантæй. Зæгъæм:

Хохы Дыгурмæ тæккæ бацæуæн кулдуар хуыйны Æхсинтæ. Ацы ран Æрæфы дон дыууæ дихи фæкодта айнæг къæдзæх. Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй Æхсинтæ Дыгургоммæ кулдуары хуызæн сты. Бирæ æнусты дæргъы ауылты знæгтæн зын æрбацæуæн уыди. Мидхæсты рæстæджы дзы уыдис стыр тохтæ æрыгон Советон республикæйы знæгтимæ.

Дарддæр куы ῾ркæсæм Мидæгрæбыны æхсæрдзæнтæ… Цæгат Ирыстоны æрдзы диссæгтæй иууыл банымайæн ис Мидæгрæбыны æхсæрдзæнтæ. Уыдон сты Джызæлдоны райдайæны Мидæгрæбыныдоны рахиз фарс. Уыдон афтæ бæрзондæй кæлынц,æмæ адæймаг афтæ фенхъæлы, цыма арвæй æмуырдыг хауынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, уæлдай рæссугъддæр вæййынц сæрдыгон, доны æртæхыл арвæрдын куы сæрттивы, уæд.

4 стр., 1933 слов

По осетинскому языку фаззаг ирыстоны

... ирон адӕм, ирон ӕвзаг никуы фесӕфдзысты а дунейӕ! Конспект сценария мероприятия на тему «Къостайы фаззаг» Углубить знания детей о великом осетинском поэте, основоположнике осетинского языка ... родному языку. Сочинение по осетинскому языку «Язык- наше ... уарзон ... рд уыдис ... ӕ бафтыд уыдон, ӕмӕ ... иртæстон хауæны ... ма нӕ скъолайы стыр бӕрӕгбон куы вӕййы, уӕд скъоладзаутӕ иууылдӕр фӕзарынц Уӕрӕсейы гимн, стӕй Ирыстоны ...

Ирыстоны тынг бирæ рæссугъд дзæнæтон бынæттæ ис, иуыл цæ адæймаг нæ ранымайдзæн…

Мæ нывæцæны кæронбæттæны мæ , фæнды зæгъын; дæ Райгуырæн бæстæйы, дæ адæмы ивгъуыд заманты истории куы нæ зонай, уæд зын цæрæн у. Ныртæккæ мах цы дуджы цæрæм, уый равзæрд тынг раджы, стæй бирæ фæлтæрты фæллой æмæ зондæй. Уыцы æнæкæрон бирæ хъæздыгдзинæдтæй та пайда кæны алы адæймаг дæр, дунемæ куы фæзыны, уæдæй йæ амæлæтмæ…

2